Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 17.12.2025
17 декабря 2025, 09:30
Спорты, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ социалон къабазы фарстатыл ныхас цыд республикæйы хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Программæ "Фермеры скъола"-йы æртыккаг фæлтæр кæронмæ æрхæццæ. Курс ацыдысты 30 адæймаджы. Программæйы уыдысты, куыд теорийæ, афтæ практикон ахуыртæ дæр. Дзиуаты Земфирæйы куклаты дунейæн та йæ дуæрттæ байгом сты. Уазджытæ фендзысты куклатæ, стæй ма сын бацæттæ кодтой хи къухтæй конд хъазæнтæй аивгонд заз бæлас.