Вести. Аланийы хабæрттæ Беслæны спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы бассейны райдыдтой ахуыртæ сывæллæтты цалдæр рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн
18 декабря 2025, 09:54
Беслæны спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы бассейны райдыдтой ахуыртæ сывæллæтты цалдæр рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн. Программæйы архайынц хистæр æмæ цæттæгæнæн къордты 180 хъомылгæнинагæй фылдæр. Ахуыртæ вæййынц къуыри иу хатт инструкторты æмæ хъомылгæнджыты цæстдардæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.