Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд кусæг æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд культурон хæзнаты хъахъхъæныныл
16 июля 2025, 10:25
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд кусæг æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд культурон хæзнаты хъахъхъæныныл. Æргом ныхасы архайдтой Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгий, арæзтады æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат, культурæйы министр Фидараты Сослан, культурон объекттæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуты Ацæмæз, стæй Национ музейы диреткор Цуциты Аслан. Уæлдай æргом азæдхтой Дæргъæвсы некропольмæ.