Вести. Аланийы хабæрттæ Спорты галуан "Манеж"-ы кадджын уавæры æхгæд æрцыд Æппæтуæрæсеон этнофестиваль "Рон"
5 августа 2025, 10:29
Спорты галуан "Манеж"-ы кадджын уавæры æхгæд æрцыд Æппæтуæрæсеон этнофестиваль "Рон". Йæ фæлгæты арæзт æрцыд Стыр концерт. Архайдтой дзы курдиатджын кафджытæ æмæ зæрæггæнджытæ, уыдонимæ кафты театр "Эдегей" Тувайæ, Мариинаг театры национ зарæджы нæлгоймæгты хор, фольклорон кафты театр "Æртхурон", зарæггæнджыты къорд "Фидæн".