Вести. Аланийы хабæрттæ Физкультурникы боны агъоммæ "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты" фонды филиалы кад кодтой тренертæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй
9 августа 2025, 10:33
Физкультурникы боны агъоммæ "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты" фонды филиалы кад кодтой тренертæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй спортивон фæзы æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдонæн. Физкультурæй рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй республикæй хорзæхджын æрцыдысты 9 адæймаджы. Уыдон сты, сгуыхт тренертæ æмæ спортивон федерациты президенттæ: Золойты Мæирбæг, Гаглойты Валерий, Сергей Киселев, Козаты Фатимæ, Владислав Королевский, Бекъойты Эдвæрд, Чочиты Ибрагим.