Вести. Аланий хабæрттæ Эфир от 01.09.2025
1 сентября 2025, 09:00
Абони бон Иристони цæргутæн, Уæрæсей, удта æгас Дуйней дзиллитæн æй зæрдæбæл дарæн. 2004-аг анзи фиццаг сентябри Беслæни фиццаг скъолай ци æверхъау цау æрцудæй, уомæн иронхгæнæн нæййес. Уоци бон скъолай тургъæмæ, райдзаст æнкъарæнти хæццæ, æрбацудæй 1128 адæймаги, фал си, гъулæггагæн, беретæн скъоламæ над иссæй рандæ уо æма мабæл æрбацой над. Террористти аминати бахаугӕй сӕ цард раскъудӕй Бетрозти Руслан ӕма ӕ дууӕ фурти Алан ӕма Асланӕн дӕр.