Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы арæзт æрцыд Томайты Мисурханы номарæн изæр

15 ноября 2025, 10:41

Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы арæзт æрцыд Томайты Мисурханы номарæн изæр. Йе мкусджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй Мисурхан канд музейы куысты ветеран нæ уыд, фæлæ ма зындгонд прозаик. Томайты Мисурхан у алыхуызон уацауты æмæ радзырдты автор ирон æвзагыл. Культурæйы ирд кусæг уæвгæйæ, йæ цард сбаста литературæимæ æмæ мадæлон æвзагимæ. Бирæ азты дæргъы, йæ директор уæвгæйæ, лæггад кодта Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейæн.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация