Вести. Аланийы хабæрттæ "Герогий Уæлахизхæссæджы кубок" рамбулыны турнир боксæй арæзт цæуы Беслæны
22 ноября 2025, 09:45
"Герогий Уæлахизхæссæджы кубок" рамбулыны турнир боксæй арæзт цæуы Беслæны. Традицион ерыстæ цæуынц 5-æм аз. Архайынц дзы 150 спортсмены Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары 24 клубæй. Ерыстæ цæуынц дыууæ кары – 13 æмæ 14 азы кæуыл цæуы, ахæм чызджыты æмæ лæппуты хсæн. Турниры рæстæг залы уыди Сыгъдæг Георгийы рагондæр дзуарынывтæй иу. Дыккаг аз æй æрбаласынц Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуанæй.