Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы райдыдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Кубок рамбулыны ерыстæ волейболæй
3 декабря 2025, 11:13
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы райдыдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Кубок рамбулыны ерыстæ волейболæй. Архайынц дзы 5-æмæй – 8-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Фыццаг бон сæ цæттæдзинад равдыстой 16 командæйы. Ерыстæ цæудзысты 4 боны. Жюрийы хыгъды та сты республикæйы боксы федерацийы минæвæрттæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кубоктæй, кады гæххæттытæй æмæ дипломтæй.