Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы уыд поэт, тæлмацгæнæг Миндзайты Валентинæйы поэтикон æмбырдгонды презентаци Выпуск 06 декабря 2025 года
"Фæлварæнтæ". Ахæм сæргондимæ чиныгæй баххæст Ирыстоны чингуыты къæбиц. Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы уыд поэт, тæлмацгæнæг, литературон журнал "Ирæф"-ы редактор Миндзайты Валентинæйы поэтикон æмбырдгонды презентаци. У йæ фыццаг æмбырдгонд. Хаст æм æрцыдысты алы азты фыст æмдзæвгæтæ уырыссагау æмæ дыгуронау. Чиныг мыхуыры рацыд ацы аз Мæскуыйы. Йæ тираж у 300 экземпляры. Ис дзы 144 сыфы. Чиныгсаразæг у Къибирты Амырхан. Йæ куыстытæй йæ саив кодта нывгæнæг Джиоты Дианæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски