Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы фæзынд Уырыссаг географион æхсæнады æрхъуыдыдзинæдты партæ
13 декабря 2025, 10:32
Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы фæзынд Уырыссаг географион æхсæнады æрхъуыдыдзинæдты партæ. Номарæн стъол байгом кодтой зындгонд географ æмæ бæстæзонæг Николай Пржевальскийы кадæн. Ахуыргонд иртæста Астæуккаг Ази, йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыди 4 экспедицийы. Мадзалы архайджытæ систы географийы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ, Уырыссаг географион æхсæнады бынæттон хайады активисттæ æмæ кадджын уазджытæ. Номарæн стъолы уæлхъус баддзысты хуыздæр ахуыргæнинæгтæ æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ.