Вести. Аланий хабæрттæ Эфир от 22.12.2025
22 декабря 2025, 09:30
Берæ нæбал гъæуй æгасей уарзон бæрæгбон – Нæуæг анзи ралæудмæ. Аци афонæ сарæх унцæ, нæзи бæлæстæ æнæ закъонæй ка хъан кæнуй, етæ. Браконьерти архайдæй ихæлуй экологон баланс. Республики фæдзæхст бунæтти зонæтæмæ хæстæг гъæути фæккарздæр кодтонцæ патрульти куст. Ауæхæн гъæуайкæнæн мадзæлттæн æнæмæнгæй ес устур ахадундзинадæ.