Вести. Аланийы хабæрттæ Хицауады хæдзары арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци "Бæллицты заз бæлас"
23 декабря 2025, 10:02
Хицауады хæдзары арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци "Бæллицты заз бæлас". Мадзал байгом кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Заз бæласæй райста фондз хъазæны. Уый фæстæ уыцы бар радта иннæ бæрнон кусджытæн. Сывæллæтты бæллицтæм æркæсгæйæ, рабæрæг кæй сæ фæнды Мæскуымæ, Санкт-Петербургмæ, кæнæ денджызмæ абалц кæнын. Уымæй дарддæр ма æхсæзгон лæварæн райсиккой зондджын колонкæтæ, алыхуызон тренажертæ, стæй "лæвæрттæ-сюрпризтæ".