Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы Владикавказскийы уынджы хæдзары цæрджытæ бирæ рæстæг тыхстысты, сæ цæрæнуæтты хъарм кæй нæ уыд, уымæй Выпуск 26 декабря 2025 года
Дзæуджыхъæуы Владикавказскийы уынджы 46-æм "А" хæдзары цæрджытæ бирæ рæстæг тыхстысты, сæ цæрæнуæтты хъарм кæй нæ уыд, уымæй. Уæлдай зындзинæдтæ æвзæрстой зымæгон. Сæ хъаст хастой алы ведомствæтæм. Фæлæ уавæр аивта, æрмæст  республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ комкоммæ куы фæсидтысты, уый фæстæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски