Вести. Аланий хабæрттæ Эфир от 29.12.2025
29 декабря 2025, 09:00
Академион уруссаг театри арæзт æрцудæй традицион бæрæгбон – республики Сæргълæууæги Нæзи бæласæ. Нæуæг анзи бæрæгбон саразтонцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгути сувæллæттæн. Сурх – Дигори минæвар Мæрзойти Олег æ разæнгарддзинади фæрци Уæрæсей, Сурх-Дигори историмæ бахаста æвæрæн. Гъæуи 18 минæварей нæмттæ æма муггагутæ нисангон æрцудæнцæ Уæрæсей рекордти киунуги.