Вести. Аланийы хабæрттæ Ацы аз, программæ "Земский доктор"-ы фæлгæты, нæ республикæйы куысты бынæттæ ссардзысты 13 дохтыры
6 января 2026, 13:11
Ацы аз, программæ "Земский доктор"-ы фæлгæты, нæ республикæйы куысты бынæттæ ссардзысты 13 дохтыры. Уæвгæ, цалынмæ проекттæ "Земский доктор" æмæ "Земский фельдшер" æххæстгонд цæуынц, уæдмæ дзы бацархайдтой 300 медицинон кусæджы онг, – фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Дохтыртæ исынц разæнгардгæнæн фиддон 1 милуан сомы бæрц. Астæуккаг къорды кусджытæ та – фæйнæ 500 мин сомы. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ программæйы нæй кармæ гæсгæ домæнтæ.