Вести. Аланийы хабæрттæ Сывæллæтты нымæцон ахуырады центр "IT-куб"-ы арæзт æрцыд чемпионат "Парное экстремальное программирование"
6 января 2026, 13:12
Сывæллæтты нымæцон ахуырады центр "IT-куб"-ы арæзт æрцыд чемпионат "Парное экстремальное программирование". Традицимæ гæсгæ йæ сарæзтой Ног азы бæрæгбонмæ. Ерысты архайдтой дыгай адæймæгтæй арæзт командæтæ. Ацы аз æрыгон программистты хæс уыд иумæйаг хъарутæй бакусын программæйы кодыл. Чемпионаты архайдтой æрмæст скъоладзаутæ нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ дæр. Уæлахиздзаутæн скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.