Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал.
20 февраля 2026, 11:04
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Баст уыд Уæрæсейы адæмты иудзинады азимæ. Ахуыргæнæндон бабæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны, Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæты минæвæрттæ, стæй Курскы цæрджытæ. Æрбахуыдтой йæм хицаудзинады оргæнты кусджыты, æхсæнадон организациты минæвæртты, кадетты æмæ скъоладзауты. Сæ размæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ, рацыдысты æртæ кæрдзынимæ æмæ хуыцаумæ скуывдæй. Фæстæдæр арæзт æрцыд концерт.