Top.Mail.Ru
Мæздæджы районы Комаровойы хъæуы кадджын уавæры байгом кодтой цыртдзæвæн 223-æм мысанæхсæн азербайджайнаг дивизийы 18 æфсæддонæн Выпуск 12 мая 2026 года
Мæздæджы районы Комаровойы хъæуы кадджын уавæры байгом кодтой цыртдзæвæн 223-æм мысанæхсæн азербайджайнаг дивизийы 18 æфсæддонæн. 1942-æм азы декабры, немыцаг фашисттæн ныхкъуырд дæтгæйæ, хæстонтæ ам хъæбатырæй фæмардысты. Бæстон агурæн куыст бакодтой хæстонтæй иуы фæдон Агасаф Байрмаов æмæ агурæн къорд "Поиск"-ы разамонæг Махмади Даулетов. Уыдоны хъæппæрисæй ацы бынаты фæзынд номарæн цыртдæзæвæн. Салдæтты ном, минут æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой Азербайджанæй делегаци, æхсæнадон кусджытæ, районы разамынд, æфсæддонтæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Се ппæт дæр мемориалыл сæвæрдтой дидинджытæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски