Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд регионты хсæн гом турнир волейболæй Выпуск 16 июня 2026 года
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд регионты хсæн гом турнир волейболæй. Ссардтой дзы физкультурæ æмæ спорты факультеты доцент Айдарты Хъазыбеджы рухс ном. Уый тынг архайдта республикæйы спорты ацы хуыз парахат кæныныл. Ерысты архайдтой Дзæуджыхъæуы, Армавиры, Пятигорскы æмæ Стъараполы командæтæ. Ахæм турниртæ конд вæййынц сывæллæтты æмæ фæсивæды спортмæ разæнгард кæныны нысанимæ. Спорты бæрæгбон арæзт æрцыд ЦИПУ-йы æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй. Кæронбæттæн матч рауад тынг цымыдисæг. Чызджытæ тох кодтой алы баллыл дæр. Хатдзæгтæм гæсгæ турниры чемпион сси ЦИПУ-йы командæ. Уæлахиздзаутæн хæрзиуджытæ радтой ахуыргæнæндоны разамынд, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы минæвæрттæ æмæ Айдарты Хъазыбеджы чызг Алинæ. Тыхджындæртæн радтой кубоктæ, майдантæ, кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 966 выпусков
Выпуски