Top.Mail.Ru
Ивгъуыд къуыримæ нæ регионы ахуыссын кодтой 33 зынгсирвæзты Выпуск 08 сентября 2026 года
Ивгъуыд къуыримæ нæ регионы ахуыссын кодтой 33 зынгсирвæзты. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Уыимæ цæугæдæтты тæссаг у доны æмвæзад фæбæрзонддæр уæвынæй. Уавæрмæ сæ цæстдарынц специалисттæ. Куыстуæтты разамонджытæн æмæ хицаудзинады оргæнтæн Сергей Меняйло бабар кодта бæстондæр кæсын æдасдзинады мадзæлттæм. Республикæйы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй фæстаг рæстæг сарæх сты мæнг хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ скъолаты æмæ администрациты тæссаг у срæмыгъдтытæй. Уымæ гæсгæ хъæуы къæрцхъус уæвын. Ныхас ма цыд историон номарæн мадзæлттыл. Цæгат Ирыстоны хыгъды ис 192 скъолайы музейы. Регионы разамонæг бабар кодта уыдон ног æрмæджытæй æххæст кæнын. Дарддæр цæуы хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст. Бирæфатерон хæдзæрттæ сты 85%, куыстуæттæ та - 91%. Аппаратон æмбырды ма æргом аздæхтой регионы артаджы уавæрмæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026