Top.Mail.Ru
Мæздæджы арæзт æрцыд сыгъдæг Николай Япойнаджы номыл кубок рамбулыны турнир дзюдойæ Выпуск 15 сентября 2026 года
Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасимы арфæйæ, Мæздæджы арæзт æрцыд сыгъдæг Николай Япойнаджы номыл кубок рамбулыны турнир дзюдойæ. Ацы аз Чырыстон Аргъуан парахатæй бæрæг кæны Сыгъдæг уды райгуырды 190 азы бон. Ерысты ма сбастой Мæздæджы Мады Майрæмы дзуарынывимæ бирæ бонты цыдимæ.  Спортивон мадзал сарæзтой Цæгат Ирыстоны дзюдойы федераци, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи, стæй чырыстон æхсæнад "Дзæнгæрæг". Турниры архайдтой 200 спортсмены онг Мæздæгæй, Дзæуджыхъæуæй, республикæйы æппæт районтæй, Стъараполы крайæ, Кæсæг-Балхъарæй, Дагестанæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Краснодары крайæ.  Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг куыд бафиппайдта, афтæмæй æвзонг спортсментæ равдыстой хорз цæттæдзинад. Цæгат Ирыстоны дзюдоисттæ систы æппæт кары категориты призертæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026