Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны æртæ боны цæуы интенсив, сæрмагондæй Цæгат Кавказы музейты кусджытæн • Выпуск 11 ноября 2026 года
Цæгат Ирыстоны æртæ боны цæуы интенсив, сæрмагондæй Цæгат Кавказы музейты кусджытæн. Семинары архайынц Цæгат Кавказы федералон зылды 5 регионы минæвæрттæ. Мадзал арæзт у, дыууæазон проект «Театр на раз, два, три»-мæ гæсгæ. Уый уæлахиздзау сси Владимир Потанины хæрзаудæн фонды гранттæ исыны конкурсы. Проекты разамонæг Галазты Лилия куыд радзырдта, афтæмæй сæйраг хъуыды у - нырыккон театралон аивад музейты архайды апарахат кæнын. Интенсив - у проект царды уадзыны фыццаг къæпхæн. Мадзæлтты пълан снысан кодтой 2027-æм азы сентябры онг. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ проект фæуыдзæн стыр фестивалæй. Цæудзæн 5 боны.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1070 выпусков
Выпуски
2026