Top.Mail.Ru
Профессионалон цæдисты бартæ æмæ архайд, хицæн категориты адæмæн æххуысы мадзæлттæ • Выпуск 13 ноября 2026 года
Профессионалон цæдисты бартæ æмæ архайд, хицæн категориты адæмæн æххуысы мадзæлттæ. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны Парламенты Советы æмбырды. Боны фæткы фарстатæй иу баст уыд æрдзон æвæрæнтæй пайда кæныны хъуыддаг. Спикер Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у ацы къабаз рæзын кæнын. Уыимæ экологон домæнтæ æххæст кæнын, цæмæй æрдз хъыгдард ма цæуа, уый тыххæй. Стыр æргом ма аздæхтой скъоладзауты уæлæдарæсы фæрæзты компенсацимæ. Фиддонтæ хауынц, паддзахадон æмæ муниципалон скъолаты чи ахуыр кæны, уыдонмæ. Иу сывæллонæн фиддон у 10 мин сомы. Фæрæзтæ фидыны фæтк нысан кæны Уæрæсейы хицауад. Ныхас ма цыд бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæджы республикон программæйыл. Профилон министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 2026-æм - 2028-æм азты баивдзысты 127 лифты.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026