Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны цæрæн хæдзæртты газы кусæнгæрзты уавæр æнæрлæугæйæ бæрæг кæнын • Выпуск 17 ноября 2026 года
Цæгат Ирыстоны цæрæн хæдзæртты газы кусæнгæрзты уавæр æнæрлæугæйæ бæрæг кæнын. Ахæм хæс муниципалон скондты сæргълæуджытæн аппаратон æмбырды радта Сергей Меняйло. Специалисттимæ иумæ хъуамæ æрзилой хæдзæрттыл, æркæсой газы системæмæ æмæ аиуварс кæной аиппдзинæдтæ. Æмбырды ныхас цыди республикæйы эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, регионы уавæр у рæстæмбис. Хыгъд æрцыди коронавирусæй 7 рынчыны. Сергей Меняйло бахæс кодта, сезоны инфекцитæм карз цæстдарын, цæмæй низтæ ма парахат кæной. Æмбырды хицæнæй æрлæууыдысты фæндаггон инфраструктурæйы уавæрыл дæр. Дзуаппдæттæг оргæнтæн бахæс кодтой, Елхоты цур хиды техникон уавæрæн аргъ скæнын. Регионы сæргълæууæг ма бадомдта, æрæджы горæты цы нырыккон фонтан байгом, уый видеоцæстдарды системæйæ сифтонг кæнын.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1078 выпусков
Выпуски
2026