Top.Mail.Ru
Мыхуыры рацыд Ирыстоны адæмон фыссæг, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæты æмбырдгонд "Мыды къус" • Выпуск 19 ноября 2026 года
Мыхуыры рацыд Ирыстоны адæмон фыссæг, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæты æмбырдгонд "Мыды къус". Сфæлдыстадон изæр æмæ чиныджы презентаци ацыдысты Мæскуыйы литераторты центрон хæдзары. Уый у автор дыгуронæй уырыссаг æвзагмæ цы прозæ æмæ поэзийы чингуытæ ратæлмац кодта, уыдонæй 4-æм. æмбырдгондæй æмдзæвгæтæ кастысты Уæрæсейы сгуыхт артист Сæлбиты Аким, поэт æхполæтты Наталия æмæ иннæтæ. Изæры архайджытæ бузныг загътой тæлмацгæнæг Андрей Расторгуевæн, авторы сисы бынæй цы уацмыстæ рацыд, уыдонмæ уырыссаг æвзагыл стыр æргом здæхт кæй æрцыд, æмæ сæ арф хъуыды кæй нæ фесæфт, уый тыххæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1078 выпусков
Выпуски
2026