Top.Mail.Ru
ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан архайдта Уæрæсейы æмæ Китайы университетты ректорты 8-æм форумы, Китайы • Выпуск 20 ноября 2026 года
ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан архайдта Уæрæсейы æмæ Китайы университетты ректорты 8-æм форумы, Китайы. Æппæтадæмон фæзы сæмбырд сты дыууæ бæстæйы 30 университетæй фылдæры разамонджытæ æмæ минæвæрттæ. Фембæлды сæйраг нысан - кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнын, иумæйаг ахуырадон программæты æмæ наукон æмгуыстады райрæзт. Ацы хъуыддагæн уæлдай ахадындзинад ис, 2026-æм 27-æм азты ахуырады къабазы уæрæсеаг-китайаг æмгуыстады афæдзтæ кæй расидтысты, уый тыххæй. ЦИПУ-йæн ныридæгæн Китайы уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ ис фидар наукон бастдзинад. Шанхайы инженерон наукæты университет профессор Магкæты Тамерлан кусы ног æрмæджыты æмæ химийы къабазы проекттыл. Йæ китайаг æмкусджытимæ  иртасæн куыст кæны физикон - математикон наукæты кандидат Плиты Марат дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1078 выпусков
Выпуски
2026