Top.Mail.Ru
Зындгонд ирон поэт, литературæ иртасæг, тæлмацгæнæг, педагог æмæ публицист Дзанайты Иваны райгуырды 130 азы сбæрæг кодтой ирон литературæйы музейы • Выпуск 24 ноября 2026 года
Зындгонд ирон поэт, литературæ иртасæг, тæлмацгæнæг, педагог æмæ публицист Дзанайты Иваны райгуырды 130 азы сбæрæг кодтой ирон литературæйы музейы. Нигер нарты кадджытæ иртасыны хъуыддагмæ бахаста аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæрæн. Разамынд лæвæрдта ирон филилогийы факультетæн, ирон литературæйы рæзтыл бакодта стыр æмæ ахадгæ куыст. Нигеры мысæн изæрмæ æрæмбырд сты йе сфæлдыстадæн ын стыр аргъ чи кæны ахæм филологтæ æмæ æхсæнадон архайджытæ, стæй Дзанайты мыггаджы минæвæрттæ. Изæры куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Дзанайты Иван йæ фæстæ цы хъæздыг сфæлдыстадон æмæ литературон бынтæ ныууагъта, уыдон абон дæр ирон адæмæн сты æмдугоны фæндагамонджытæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1079 выпусков
Выпуски
2026