Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Горæтгæрон районы байгом кодтой 2 ног рæвдауæндоны Выпуск 01 декабря 2022 года
Горæтгæрон районы байгом кодтой 2 ног рæвдауæндоны. Ацы цаумæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты куыд сабитæ сæхæдæг, афтæ сæ ныййарджытæ æмæ педагогтæ дæр. Кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис, стæй ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Рæвдауæндон сарæзтой цыбыр æмгъуыдмæ. Уыимæ æппæт нырыккон домæнтæ хынцгæйæ. Ис 120 бынаты. æдæппæтæй 5 кары къорды, 2 азæй 7 азы онг сывæллæттæн. Бæстыхайы ис хъазæн æмæ хуыссæн уæттæ, музыкалон æмæ спортивон залтæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски