Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
"Иугонд Уæрæсейы фæсивæдон гварди"-йы минæвæрттæ сбæлвырд кодтой æфсæддон экипировкæйы æргътæ Выпуск 01 декабря 2022 года
"Иугонд Уæрæсейы фæсивæдон гварди"-йы минæвæрттæ сбæлвырд кодтой æфсæддон амуницийы, экипировкæйы æмæ æндæр товарты æргътæ сæрмагонд дуканиты. Сарæзтой бæлвырд товарты къорды мониторинг. Уырдæм хауынц формæ, хуыссæн голлæгтæ, хъарм берцтæ æмæ хъарм мидæггæгтæ. Цавæрдæр товарты æргътæ иуæй-иу дуканиты сты бæрзонд. Реализатортæ æмбарын кæнынц, товартæ чи цæттæ кæны, уыдон сæ кæй фæзынаргъдæр кодтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ, архайынц, æппæтæй арæхдæр кæй агурынц, уыцы товарты æргътæ ма ивыныл.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски