Вести. Аланийы хабæрттæ Паддзахадон ансамбль "Алан" ацы аз бæрæг кæндзæн йе 85 азы юбилей
29 марта 2023, 10:51
Паддзахадон ансамбль "Алан" ацы аз бæрæг кæндзæн йе 85 азы юбилей. Репетициты рæстæг артисттæ сæхиуыл нæ ауæрдынц, хуыздæр кæнынц сæ дæсныйад. Æрæджы уыдысты Мæскуыйы. Сæ репертуары фæзынд 4 ног кафты. Се хсæн – уырыссаг "Калинка". Уæдæ сног кодтой сæ концертон уæлæдарæс дæр. Бахуыдтой сæ Годжысаты Изольдæйы æрмадзы. Ансамблы царды тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.