Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 01.12.2023

1 декабря 2023, 09:00

Дзæуджыхъæуы символтæй иу – Цæнгæт хидыл сæххæст 160 азы. Ис ын хъæздыг истори. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Михаил Романов æмæ йæ бинойнаг Ольгæ. Баскаты Уырызмæджы юбилейы кадæн йæ райгуырæн Æрыдоны арæзт æрцыд сфæлдыстадон изæр. Хуынд æм æрцыдысты йе мбæлттæ, æмкусджытæ, хиуæттæ, рагон зонгæтæ. Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы ацыдысты Цæгат Ирыстоны Кубок рамбулыны ерыстæ аивадон гимнастикæйæ. Баст сты сгуыхт тренер Дулаты Казимæйы номимæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация