Вести. Аланийы хабæрттæ Æппæтадæмон равдыст-форум "Россия"-йы Цæгат Ирыстоны стенды цæуы ахуырады къуыри
1 декабря 2023, 11:19
Æппæтадæмон равдыст-форум "Россия"-йы Цæгат Ирыстоны стенды цæуы ахуырады къуыри. Мадзал байгом кодтой рагон ирон кафт "Хонгæ"-йæ. Акафыдысты йæ Мæскуыйы ансамбль "Алания"-йы солисттæ. Уазджытæн бацæттæ кодтой аив дзырдæй дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Скодта сæ æппæтадæмон конкурс "Живая Классика"-йы уæлахиздзау Реуазты Данæ.