Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи дæр бацæттæ кодта сæрмагонд туртæ Ирыстоны сыгъдæг бынæттæм
7 июня 2024, 13:02
Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй рæзы туризмы къабаз. Уыимæ арæзт цæуынц ног маршруттæ, цæмæй уазджыты базонгæ кæной нæ æрдзы рæсугъддзинадмиæ, æгъдæуттæ æмæ традицитимæ. Афтæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи дæр бацæттæ кодта сæрмагонд туртæ Ирыстоны сыгъдæг бынæттæм. Республикæйы уазджытæн фадат ис рагон аргъуантæ, моладзандонтæ æмæ дзуары бынæттæ фенынæн. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.