Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Остъаты Хетæг Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæны "2024-æм азы хуыздæр ахуыргæнæджы" Æппæтуæрæсеон конкурсы

25 сентября 2024, 10:22

Дзæуджыхъæуы 14-æм скъолайы истори æмæ бæстæзонынады ахуыргæнæг Остъаты Хетæг Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæны "2024-æм азы хуыздæр ахуыргæнæджы" Æппæтуæрæсеон конкурсы. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Саратовы ацыд бæстæйы ахуыргæнджыты сæйраг ерыстæ байгом кæныны кадджын мадзал. Арфæйы ныхæстæ дзы загъта Уæрæсейы Рухстауынады министр Сергей Кравцов.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация