Вести. Аланийы хабæрттæ
Дзæуджыхъæуы 40-æм скъола сси æппæтуæрæсеон конкурс "Скъолайы хуыздæр хæрæндон"-ы лауреат æмæ бацахста 3-аг бынат • Выпуск 22 ноября 2024 года
Скъолайы хæрæндон у ахуырдзауты уарзон бынат. Хъæрмхуыппытæ, котеллæ, салаттæ, адджын гуылтæ. Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы сæ уæлдай хæрзад цæттæ кæнынц. Ахуыргæнæндон сси æппæтуæрæсеон конкурс "Скъолайы хуыздæр хæрæндон"-ы лауреат æмæ бацахста 3-аг бынат.