Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Иу арвы бын. Ахæм сæргондимæ фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Выпуск 07 декабря 2024 года
Иу арвы бын. Ахæм сæргондимæ фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Ныхас цыд Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны 250 азы, Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы æмæ Дзæуджыхъæуы 240 азы кадæн мадзæлттыл. Фембæлд саразыныл бакуыста республикæйы Парламент. Архайдтой дзы сенатор Виталий Назаренко, депутаттæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ. Ахуыргæндтæ фембæлды архайджытæн радзырдтой ацы историон цауты ахсджиагдзинады тыххæй. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй абон ахсджиаг у ивгъуыд азты фæлтæрддзинад иртасын æмæ дзы пайда кæнын.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски