Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 14.06.2025
14 июня 2025, 08:00
Райсом, 15-æм июны бæрæггонд цæудзæн медицинон кусæджы бон. Профессионалон бæрæгбоны фæдыл къабазы кусджытæн арфæтæ ракодта Сергей Меняйло. Ирыстон – Иран. Наукон-культурон æмгуыстад. Ахæм темæимæ баст фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКОйы залы. Мæздæджы районы сывæллæтты инклюзивон театралон студиты артисттæ сæ бæллиц уыд Уырыссаг Академион театры легендарон сценæйы архайын. Уый сæххæст кæнын сын баххуыс кодта Тускъаты Таймураз.