Вести. Аланийы хабæрттæ Национ музейы залты байгом Айларты Олланæйы куыстыты равдыст
19 июня 2025, 10:39
Национ музейы залты байгом Айларты Олланæйы куыстыты равдыст. Адæмы размæ дзы рахаста чырыстон аргъуаны 50 фæлгонцæй фылдæр. Республикæйы æрыгон мастерты хсæн ацы курдиатджын нывгæнæджы сфæлдыстад ахсы егъау æмæ ахадгæ бынат. Олланæ йæ нывкæнынады сфæлдыстад цы къабазимæ сбаста, уый у тынг зын. Йæхимæ домы æгæрон бæрнондзинад.