Вести. Аланийы хабæрттæ Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы номарæн фæйнæг байгом кодтой сæ рауагъдон Хортиты Давидæн
11 декабря 2025, 11:07
Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы номарæн фæйнæг байгом кодтой сæ рауагъдон Хортиты Давидæн. Уый, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Кадджын мадзалы архайдтой æфсæддонтæ, ветеранты организациты минæвæрттæ, педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ, стæй йæ хæстæджытæ. Портрет байгом кодтой Давиды хо æмæ æфсымæр. Скъолайы Хортиты Давид активонæй архайдта спорты.