Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы фæдзæхст бынæтты зонæтæм хæстæг хъæуты фæтыхджындæр кодтой патрульты куыст
11 декабря 2025, 11:09
Æрхæццæ кæны се *ппæтæн уарзон бæрæгбон – Ног аз. Ацы афон сарæх вæййынц, заз бæлæстæ æнæ закъонæй чи фæкалы, уыдон. Браконьерты архайдæй хæлы экологон баланс. Республикæйы фæдзæхст бынæтты зонæтæм хæстæг хъæуты фæтыхджындæр кодтой патрульты куыст. Ахæм хъахъхъæнæн мадзæлттæн æнæмæнг ис стыр ахадындзинад.