Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы цæрджытæ радон хатт бацæттæ кодтой гуманитарон æххуыс хæстонтæн
21 января 2026, 10:30
Республикæйы цæрджытæ радон хатт бацæттæ кодтой гуманитарон æххуыс хæстонтæн. Ирон чъиритæ, хойрæгтæ, медикаменттæ, техникон фæрæзтæ – йæ уæз у 12 тоннæйы бæрц. Бахæццæ йæ кæндзысты Луганскы Адæмон республикæмæ æмæ Запорожьейы облæстмæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы регионалон æмбырд "Адæмон фронт. Алцыдæр уæлахизæн" æххæстгæнгæйæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.