Вести. Аланийы хабæрттæ Ацы аз регионалон программæмæ гæсгæ бындурон цалцæг скæндзысты 26 бирæфатерон хæдзары
22 января 2026, 10:19
Ацы аз регионалон программæмæ гæсгæ бындурон цалцæг скæндзысты 26 бирæфатерон хæдзары. Фыццаг вице-премьер Атарты Георгийы уынаффæмæ гæсгæ бындурон цалцæджы Фонды минæвæрттæ фембæлдысты цæрджытимæ. Фатерты хицæутты хъуыдытæ æмæ фæндтæ хаст æрцыдысты протоколтæм. Цæрджытæ сæхæдæг дардзысты сæ цæст цалцæггæнæн куыстыты цыдмæ. Уыдон разы куы уой, æрмæстдæр уæд фыст æрцæудзæн цæттæдзинады Акт. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.