Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны рæвдауæндæттæ фыццаг хатт райстой республикæйы Сæргълæууæджы гранттæ
13 марта 2026, 10:35
Цæгат Ирыстоны рæвдауæндæттæ фыццаг хатт райстой республикæйы Сæргълæууæджы гранттæ. Уый у æххуысы ног мадзал, æмæ æххæстгонд цæуы Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Кадджын мадзал арæзт æрцыд 107-æм рæвдауæндоны. Уый у конкурсы уæлахиздзаутæй иу. Æдæппæтæй сты 40. Нымад цыдысты ахуыргæнæндоны куысты ахадындзинад æмæ скъолайы агъоммæйы хъомылады рæзтмæ æвæрæн.