Вести. Аланийы хабæрттæ "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты" паддзахадон фонд скодта йæ куысты хатдзæгтæ
24 января 2026, 11:16
"Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты" паддзахадон фонд скодта йæ куысты хатдзæгтæ. 36 социалон координаторы æххуыс кæнынц сæрмагонд операцийы ветерантæн æмæ сæ бинонтæн. Фонды филиалы бæрны ис 5 мин адæймаджы онг. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты æфтауынц физкультурæйæ æмæ спортæй архайынмæ. Вæййынц регионалон æмæ федералон æмвæзады алыхуызон ерысты. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.