Вести. Аланийы хабæрттæ 5 азы размæ Тыбылты Зæлинæ сфæнд кодта программæ "Земский учитель"-ы бацархайын
23 января 2026, 10:29
Æнтыстджын горæтаг педагогы хъæумæ кусынмæ ацæуынмæ цы разæнгард кæны? 5 азы размæ Тыбылты Зæлинæ сфæнд кодта программæ "Земский учитель"-ы бацархайын. Афтæмæй кусын райдыдта Майрæмададжы скъолайы. Ныр йæ ахуырдзаутæн у хорз зондамонæг æмæ ирд дæнцæг. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.