Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд Оперативон штабы æмбырд
24 января 2026, 11:04
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд Оперативон штабы æмбырд. Архайдтой дзы барадхъахъхъæнæн æмæ тыхы структурæты, цæстдарæн ведомствоты кусджытæ, стæй районты минæвæрттæ. Ныхас кодтой Цæгат ирыстоны терриорийы æдасдзинадыл, стæй хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд азы куыстæн. Снысан кодтой 2026-æм азæн пълан дæр. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй нæ регионы фаг ис тыхтæ æмæ фæрæзтæ, нæ размæ æвæрд хæстæ сæххæст кæнынæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны дарддæр кусы æвæстиаты æххуысы фæтк. Уый æххæст кæнгæйæ, сфидар кодтой уæлæмхасæн мадзæлттæ, ахсджиаг инфраструктурæйы æмæ бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, уыцы объектты æдасдзинады тыххæй.