Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны 9 ахуыргæнæндоны царды уадзын райдыдтой проект "Хъæбысæйхæст скъолатæм"
7 февраля 2026, 10:12
Цæгат Ирыстоны 9 ахуыргæнæндоны царды уадзын райдыдтой проект "Хъæбысæйхæст скъолатæм". Сывæллæттæ дзы ныридæгæн райдыдтой архайын. Æдæппæтæй программæйы архайынц республикæйы 20 ахуыргæнæндоны. Беслæны 9-æм скъолайы тренировкæ бабæрæг кодтой Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты Федерацийы президент Михаил Мамиашвили æмæ нæ зындгонд спортсментæ.