Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы юниорты иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй цæттæ кæны, Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерыстæм
7 февраля 2026, 10:21
Республикæйы юниорты иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй цæттæ кæны, Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерыстæм. Уыдзысты 12-æй 15-æм февральмæ спорты галуан "Манеж"-ы. Турнир арæзт цæуы федералон программæ "Уæрæсейы спорт" æххæстгæнгæйæ. Ссардзысты дзы легендарон хъæбысæйхæцæг, дунейы чемпион, Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер Бестауты Алымбеджы ном. Цæгатирыстойнаг хъæбысхæцæйджытæ куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.