Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы арæзт æрцыд кадджын æмбырд
7 февраля 2026, 10:14
Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы арæзт æрцыд кадджын æмбырд. "Фыццæгты змæлды" рæнхъытæ баххæст кодтой 80 курсанты. Æвзонг суворовонтæ дзырд радтой, активонæй волонтерты змæлды кæй архайдзысты, æмæ æххуысхъуаг адæмæн се ххусы хай кæй дæтдзысты, уымæй. Змæлды ног активисттæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой "Фыццæгты змæлды" регионалон хайады координатор Хъесаты Ирыстон æмæ училищæйы разамынд. Фæсивæдæн ма радтой риуылдаргæ нысантæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.